[td_block_big_grid_fl_6 category_id= »26″][td_block_16 category_id= »26″]

Уæллаг ахуырдæттæм иугонд националон фæлтæрæнты бындурыл, раздæрон Хуссар Ирыстоны автономион бæстæйæ лыгъдонты ахуыры финансирдзинады уаг

Снысангонд уаг йæ зæрдыл дары раздæрон Хуссар Ирыстоны автономион бæстæйæ лыгъдонты уæллаг ахуырдæтты ахуыры финансирдзинады уаг æмæ принциптæ

  1. Финансирдзинады нымæц

– Уæллаг ахуырдæттæм иугонд националон фæлтæрæнты бындурыл, раздæрон Хуссар Ирыстоны автономион бæстæйæ лыгъдон студентты финансирдзинадæн Хуссар Ирыстоны Администраци 2018-æм азы бюджетæй рахицæн кодта 18900 лари ( бардзырд №41/1, 20.11.2018)

  1. Финансирдзинад райсæг уæнг

– финансирдзинад гæнæн ис æмæ райса раздæрон Хуссар Ирыстоны автономион бæстæйæ лыгъдон студент, кæцы нæ райста ахуырадон грант æнæхъæн бæрцæй, нæ ахуыр кæны уыцы програмон сфераты, кæцыйы æнæхъæнæй æмбæрзы хицауад, 2017-æм азы иугонд националон фæлтæрæнты бындурыл бахауд уæллаг ахуырадон бæстыхаймæ кæнæ та ахуыр райдыдта  2016-æм азы иугонд националон фæлтæрæнты бындурыл фыццаг курсыл ахуыр кæны æмæ алы предметы райста 91-100- онг балл.

  1. Финансирдзинады принцип

 

– финансирдзинадæн рахицæнгонд æхца æмбарадæй цæуы дихгонд ацы уагы 2-пункты нысангонд студенттыл. Финансирдзинады бæрц æхæхсы – 2250 ларимæ.

  1. Фидиуæны бавдысты æмгъуыд

–  снысангонд уагæвæрды дыгкæгæм пунктмæ гæсгæ, студенттæ финансирдзинады райстæн фидиуæн 5-æм пунктæй нысангонд документтимæ иумæ бавдисдзысты Хуссар Ирыстоны Администрацимæ 2018-æм азы 15 январæй 16-æм февралы нымадæй.

  1. Программайы фæлгæтты паддзахдон финансирдзинады райстæн студентты бавдисинаг документты номхыгъд:
  2. Фидиуæн
  3. Гуырдзыстоны æмбæстагдзинады гоймагы бæлвырдгæнæгы копи
  4. Ноториалонæй бæлвырдгонд лыгъдоны статусы бæлвырдгæнæг
  5. Уæллаг ахуырадонæй лæвæрд документ, кæцы бæлвырд кæны æмбæстагы студентæй уæвындзинад
  6. Сæрмагонд банкъы реквизит

 

 

 

 

 

        

საკონტაქტო ინფორმაცია