Гиоргий Къвирикашвили Уæрæсейы хицауадмæ сиды

  Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили, Уæрæсейы Федерацийы хицауадмæ сиды.

Премьеры расидæн ис фыст –

« Цæугæ азы августы 2008 -æм азы дæс аз сыххæст. Ацы драматон цаутæ арф фæд ныууагъта  гуырдзийаг адæмы хъуыдыты æмæ гуырдзийаг-уырысаг æммахастыты.

Æскъуыд сты дипломативон æммахастытæ. Мæскуыйы æрдыгæй Абхази æмæ Цхинвалы регионы хæдбардзинады расидындзинад къуыммæ бакодта нормалон паддзахадты æхсæн æммахастыты размæцыды перспективæ.

Ныр нæ разы ис æвзарæн – снысангонд датæмæ бакæсæм кæрæдзийы аххосджынкæныны къуымæй æмæ карз расидæнтæй, кæцытæ ацы азты дæргъы стыр нымæцæй уыдысты, кæнæ та саразæм къахдзæфтæ ацы тупикæй нæ æммахастыты ракондæн.

Мах раздæр дæр расидтыстым æмæ ныр дæр бæлвырд кæнæм, цæмæй , баххæсæм реалон прогресмæ Женевайы æппæтдунеон дискуситы процессы, цæй фæдыл дæр сбæлвырд кодтон мæ сæрмагонд бастдзинад снысангонд процессы.

Цæттæ стæм афтæ дæр, комкоммæ диалогмæ Абхази æмæ ирæттимæ æмæ райгонд уыдаиккам ацы къуымæй Уæрæсейы фарсы реалон конструктивон арахйд. Политикон фæндоны цауы мах нымайæн æмæ цæттæ стæм æндæр къахдзæфты саразын дæр.

Хъыгагæн, абон уæззау реалиты раз лæууæм. Дыууæфарсон базарадон -экономикон æммахастыты сног кодтам, фæлæ трагикон цауты хыз даргъ кæны. Йæ бын къахы гуырдзийаг-уырысаг æммахастыты æрбиноныгы перспективайæн. Фæстаг трагикон æвдисæн у дыуæ къуырийы размæ  Цхинвалы æнææмбаргæ уавæрты Гуырдызстоны æмбæстагы Арчил Татунашвилийы мæлæт, кæцыйы марды буары раргъæвды ныры онг дæр нæ сырæзт.

Сидын Уæрæсейы хицауадмæ, цæмæй абоны бон æмæ фидæн байзæттагы раз дзуапплæвæрдæй саразæм иумæйаг къахдзæфтæ снысангонд уæззау ситуацийы æрбиноныгæн» – ис фыст премьер-министры расидæны. 

 

 

 

 

Leave A Reply

Your email address will not be published.

საკონტაქტო ინფორმაცია