Æнæниздзинады дунейы организаци расидтис короновирусы пандемия

Гуырдзыстоны премьер-министры разамындæй, хицауады координацион цæдис, бæстæйы уæвæг уавæр æмæ глобалон ситуацимæ гæсгæ, интенсивонæй кусы æмæ сæрмагонд план æххæст кæны.
Дунейы масштабæй уæвæг статистикæмæ гæсгæ, координацигонд æмæ рæстæгонæй ист къахдзæфтæй, Гуырдзыстоны уавæр ныры этапыл стабилон у, фæлæ расидæн тынг стыр у æмæ алы æмбæстаг хъуамæ ахсджиагæй сыххæст кæна æхсæнадон уагæвæрд æмæ бахъахъхъæна куыд йæхи сæр, афтæ – æхсæнады. Гуырдзыстоны хицауад, уæлдайдæр та, æнæниздзинады, мидхъуыддæгты, юстицийы, фæсарæйнаг хъуыддæгты, экономикæйы, рухсады, финансты, регионалон размæцыды министрадтæ ахызтысты уæлвæткон уавæрон режимы куыстмæ.
Ацы рæстæгмæ бæстæйы короновирусæй фиксиргонд ис 25 цау, алы пациентæн дæр уагъд цæуы медицинон æххуыс, æмахастыты уæвæг инфициргонд адæймæгтимæ уæнгтæн та уагъд цæуы æнæниздзинады министрады протоколмæ гæсгæ процедурæтæ.
Координацион цæдис превенцион мадзæлтты фæлгæтты регуляронæй парахат кæны ног уынафæтæ æмæ рекомендацитæ, архайгæ планмæ гæсгæ. Се ‘хсæн æппæтæй нысаниуæгджын у превенцион нормæ æхгæд тыгъдады æмбæстæгты интенсивон контактæй хибахизын:
1. Гуырдзыстоны масштабæй ахуырадон уагдæтты улæфтытæ фыццæгæм апрелмæ адаргъ сты.
2. Афтæ ма, 13-æм апрелы онг æргъæвд æрцыд уалдзыгон æфсæдтон æрсидт.
3. Министрадтæ æмæ æндæр паддзахадон уагдæтты кусджыты хай рæстæгмæ дистанцион куыстмæ сты æргъæвд.
4. Пробационертæ 14-æм апрелы нымадæй сæрибар сты пробацийы бюромæ бацыдæй æмæ режимы сыххæсты æнæмæнгдзинадæй.
5. Пенитенцион уагдæтты дыууæ къуырийы æмгъуыдæй скуыста уæлвæткон уавæртæ.
6. Рæстæгмæ тобæгонд цæуы Гуырдзыстоны рухсады, спортивон æмæ æндæр хуызы мадзæлтты ауагъд, кæцытæ баст сты бирæ адæмы æмбырды бынæттæм.
• Ацы рæстæгмæ тобæгонд сты: Гуырдзыстоны футболон чемпионат, Гуырдзыстоны рагбийы националон чемпионат æмæ æндæртæ.
• Тбилисы олимпион галуны, 27-29-æм мартъийы плангонд дзюдойы гран-при, дзюдойы æппæтдунеон федерацийы æскъуыддзагæй официалонæй тобæгонд у.
• 14-æм мартъийы, Михаил Месхийы номыл стадионы плангонд рагбийы Европæйы эгидæй цæугæ Гуырдзыстон –Уæрæсейы матч æнæкæсджытæй уыдзæн уагъд.
Гуырдзыстоны хицауады координацион цæдисы æскъуыддзагæй, Гуырдзыстоны арæныл, куыд уæлдæфон, афтæ æндæр арæнтыл архайынц специалон нормæтæ куыд Гуырдзыстоны æмбæстæгтыл, афтæ фæсарæйнæгтыл.
Китай, Хуссар Корей, Иран æмæ Италимæ æфтыд æрцыд Герман, Франц, Испани æмæ Австрийæ Гуырдзыстонмæ æрцæугæ уæнгтæ, уыдон хæсджын сты:
1. Хъуамæ короновирусы (COVID-19) басгæрсты фæдыл уа документ (специалон лабороторион иртаст), кæцы лæвæрд у уыцы бæстæйы лабораторийæ, цыранæй рацыд уæнг.
2. Документы æнæбавдысты цауы, уыдон хъуамæ ацæуой специалон медицинон басгæрст æмæ 14-бонон карантинон процедурæ æнæниздзинады министры уагæвæрдмæ гæсгæ.

Сидæм Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, цæмæй кæд æнæмæнгхъуыддаг нæу, уæд фæсарæнмæ бæлцуатæй сæхи фæуромой!
Короновирусимæ эффектон тох æрмæст хицауады нæ, фæлæ ма æхсæнады дæр максималон лæмбынæгдзинад æмæ хъусдард у.
Нысаниуæгджын у хиизоляцийы нормæты сыххæст кæнын.
Фæдзæхсæм сæ, æхсæнадон бæрн равдисой æмæ бахъахъхъæной нормæтæ.
Афтæ дæр, хъуамæ банысан кæнæм, цæмæй хъыггагæн, Гуырдзыстоны
территориты оккупацийы æмæ а.х уадзгæ пунктты сыхгæды аххосагæй, хицауадæн нæй фадат бынатыл цæрджытæн æнæниздзинады сервистæй пайдайы фадат раттын, кæцы тынг нысаниуæгджын у.
Хицауад, алы фадатæй, се хсæн æппæтдунеон партнерты бастдзинадæй, интенсивонæй кусы превенцион нормæты сыххæст кæнынæн, оккупацигонд территоритыл цæрджытæн информацийы алæвæрд æмæ бахъæугæ цауы, уыдонæн диагностикæ, кæнæ хоскæнын. Тынг нысаниуæгджын у, цæмæй æмбæстæгтæ æууæндой æрмæст дырыс æмæ официалонæй бæлвырдгонд информацийыл, хицауады специалонæй арæзт веб-фарсыл – StopCoV.ge .

Leave A Reply

Your email address will not be published.

საკონტაქტო ინფორმაცია