Нарттæ таурæгъты театралон верси 2018 азы сæрды, «Кавказаг Мозаикæйы» инициативæйæ сырæзт. Театралон адаптацийы саразыны хайад райстой Гуырдзыстоны Шота Руставелийы театры æмæ кинойы паддзахадон университеты студенттæ. Театралон равдысты саразыны идеяйы размæ, мыхуыры уагъд æрцыд, гуырдзиаг-ирон сабитæн адаптацигонд илююстрацитæй версий 2017 азы.
«Кавказаг Мозаикæйы» къухдариуæггæнæджы, Беппиты Наирæйы фидиуæнæй, фæнысангонд спектакль у сабырадон инициативæйы дæрддæрдзу зæгъгæ.
«Спектакль» кæцыйы равдыстам у уыцы сабырадон инициативæйы дарддæрдзу, кæцы æххæст цæуы иумæйагæй. Фæнды мæ зæгъын, цæмæй ацы хъуыддаджы баст сты гуырдзиаг æмæ ирон æрыгонтæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ай уыдзæн гуырдзиæгты æмæ ирæтты æмкуысткæнынады ноджы иу бæлвырд дæнц», – райхъусын кодта Беппиты Наирæ.
Спектаклы режиссеры, Тамар Хизанишвилийы ныхæстæм гæсгæ, спектакль афтæдæр у сабырадон æрвитæггаг.
«Нартты эпос у Æппæткавказаг темæтæй едзаг эпос, кæцы мæнмæ гæсгæ ахъаз у гуырдзиаг-ирон ахастыты кæцыдæриддæр ног къахдзæфтæн. Гæнæн ис афтæ банымайын ома ирæттæн уа сабырады ног æрвитæггаг», – банысан кодта Тамар Хизанишвили.
Нартты Кадджыты адаптацийæн, мыхуыры рауадзынæн æмæ театралон сценæйы судæгас кæнынæн æххуыс кодтой, Евроцæдис (EU) æмæ ИНО-йы тынгады программæ (UNDP) сæ иумæйаг инициативæйы фæлгæтты, кæцы конфликты фæстиуæгæн, кæрæдзийæ фæхицæнгонд дзыллæты æхсæн, æууæнк сæндидзын кæнынæн архайы (æууæнкы сæндидзын кæныны æмæ рæхджы реагиркæныны механизм – COBERM).
Гуырдзыстоны Шота Руставелийы театры æмæ кинойы паддзахадон университет, Нартты Кадджыты таурæгъты фыццаг театралон равдыстæн сфысым кодта. Незаманы кавказаг эпос æвзонг артистты къорд гуырдзиаг æмæ ирон æвзæгтыл судæгас кодта.